Цхинвалы Æвзонг техникты стъанцы ацыд Гом дуæртты бон

© Sputnik / Залина КулумбеговаЦхинвалы Æвзонг техникты стъанцы ацыд Гом дуæртты бон
Цхинвалы Æвзонг техникты стъанцы ацыд Гом дуæртты бон  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 сен – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Æвзонг техникты стъанцы ацыд æрвылазон Гом дуæртты бон, ног азы райдианы цытæн. Стъанцы директор Къалаты Нариман банысан кодта, мадзалы нысан кæй у æвзонг техникты архайдмæ цымысдзинад равзæрын кæнын республикæйы ахуырдзауты ᾿рдыгæй.
"Æрвыл аз дæр мах уадзæм Гом дуæртты бон, цæмæ равдисæм цы архайæм æмæ цы амонæм. Уый тыххæй мах рахæссæ нæ куыстытæ æмæ боны дæргъы аразæм чысыл равдыст, цæмæй адæм бамбарой цы кусæм, уый. Фыццаджыдæр нæ фæнды сывæллæтты цымысдзинад нæхимæ раздахын. Раст уымæн уадзæм ацы мадзал Зонындзинæдты боны, цалынмæ скъолаты уроктæ нæ райдыдтой æмæ сын ис фаг рæстæг", - загъта уый.
Афтæ ма Къалаты Нариман бафтыдта, ÆТС 17 фадгуытæм дæр ныффысæн ис алкæмæндæр.
Æвзонг техникты стъанц сырæзт 1938 азы 12 октябры æмæ у методикон æмæ консультативон центр сывæллæтты æмæ скъоладзауон фæсивæды техникон сфæлдыстады. Стъанцы амонынц æмæ парахат кæнынц къласс æмæ скъолайы æдде техникæйыл куысты хуыздæр фæлтæрддзинад.
Ног хабӕртты лентӕ
0