Зонындзинæдты бон Цхинвалы: ног ахуыры аз райдыдта Хуссар Иры сывæлæттæн

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны скъолаты ахуыр ныр цалдæр азы дæргъы райдайы 5 сентябры. Дыццæджы фыццаг дзæнгæрæг айзæлыд ацы аз скъоладзау чи ссис, уыцы сывæллæттæн. Ахуырмæ æрыздæхтысты каникулты чи баулæфыд, уыцы сывæллæттæ.
Бæрæгбонон мадзæлттæм æрбауазæг сты республикæйы министрадты æмæ уагдæтты минæвæрттæ. Президент Гаглойты Алан бацыд Хуссар Ирыстоны фыццаг скъолатæй иумæ – Советон Цæдисы хъайтар Хъоцыты Константины номыл дыккæгæ астæуккаг скъоламæ.
Куыд ацыдысты цытджын ралæудтæ Цхинвалы скъолаты, цавæр фæндагарфæйон ныхæстæ загътой сывæллæттæн ацы боны æмæ куыд банысан кодтой Зонындзинæдты бон, уый тыххæй кæсут Sputnik видеойы.
Ног хабӕртты лентӕ
0