Дзæуджыхъæуы сарæзтой ног ихын аренæ

© Photo : "Государственный интернет-канал "Россия"Дзæуджыхъæуы сарæзтой ног ихын аренæ
Дзæуджыхъæуы сарæзтой ног ихын аренæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 сен - Sputnik. Цæгат Ирыстоны столицæйы сарæзтой ног ихын аренæ, хъусын кæны ПТРК "Алания".
Ихын аренæ, кæцыйы фæзуат у 32 мин квадратон метры, райдыдтой аразын дыууæ азы размæ.
"Мах нывæндæм, цæмæй ардæм цæуой фæсивæд алыхуызон регионтæй рæвдзытæм, уадздзыстæм турниртæ, цæмæй нæ бон уа конкуренци кæнын федералон чемпионатты", - загъта компнаийы техникон директор Алексей Бояркин.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ специалисттæ фæуд кæнынц æддагон æмæ монтажон куыстытæ æмæ тагъд рæстæджы байдзаг кæндзысты катоктæ ихæй.
Азы кæронмæ ихын аренæ нывæнды райсын фыццаг спортсменты.
Ног хабӕртты лентӕ
0