ХИПУ ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрад бакӕндзысты ӕфсӕддон кафедрӕ

© Sputnik / Наталья АйриянХИПУ
ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет Хъахъхъӕнынады министрадимӕ иумӕ бакӕндзысты ахуырадон уагдоны бындурыл ӕфсӕддон кафедрӕ, фехъусын кодта ректор Тедеты Вадим.
Ӕфсӕддон кафедрӕ саразыны тыххӕй Хуссар Ирыстоны фехъусын кодтой цалдӕр азы размӕ.
"Уый у иунӕг хъуыддаг, кӕцы мын нырма у ӕнӕарӕзт ректоры бынаты. Фӕлӕ уын дзырд дӕттын, фарст у лыг ӕмӕ ӕввахс рӕстӕг махмӕ уыдзӕн ӕфсӕддон кафедрӕ", - загъта Тедеты Вадим.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъахъхъӕнынады министримӕ иумӕ уыдысты Уӕрӕсейы.
"Махӕн ацыд консультантацитӕ Уӕрӕсейы ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕтты куратортимӕ. Ӕфсӕддон кафедрӕ арӕзт цӕуы Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрадимӕ иумӕ", - бафтыдта уый.
Ӕртыццӕджы Sputnik пресс-центры ацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадимы пресс-конференци. Уый радзырдта журналисттӕн ахуырадон уагдоны ӕнтыстыты тыххӕй фӕстаг дӕс азы.
Ног хабӕртты лентӕ
0