Цхинвалы хæдтулгæ Audi баскъæрдта Toyota Harrier-ыл

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы астæу хæдтулгæ Audi баскъæрдта Toyota Harrier
Цхинвалы астæу хæдтулгæ Audi баскъæрдта Toyota Harrier - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 сен - Sputnik. Фæндагон-транспортон цау æрцыд Путины уынгыл Хуссар Ирыстоны столицæйы центры, хъусын кæны æртыццæджы республикæйы МХМ пресс-службæ.

"Хæдтулгæ Audi шофырæн не ссис йæ бон æдас дистанци бахъахъхъæнын, уый фæстиуæгæн баскъæрдта йæ размæ цæуæг автомобиль Toyota Harrier-ыл", - радзырдтой министрады.

Аварийы фæстиуæгæн зианбаййафджытæ нæй. ФТЦ уавæртæ бæрæг кæнынц паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ, бафтыдтой уагдоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0