Гафез - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2023
"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 17 сæр

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 17 сæр
Рафыссын
Сæрмæт йæ цæстытæ куы бакодта, уæд, фыццаджыдæр федта Томайы цæсгом. Сæрмæт чысылæй бирæ уарзта, Томайы сау боцъойы урс хилтæ взарын æмæ нымайын. Сæрмæт сæ фыццаг хатт куы банымадта, уæд уыдысты æрмæстдæр фынддæс. Уый фæстæ уыдон алы нымадæн дæр кодтой фылдæрæй-фылдæр. Фæстагмæ урсытæ афтæ сбирæ сты æмæ сын сæ нымайынæн ницыуал фæрæзта.
Уый уыди Фыдыбæстæйон хæсты агъоммæ. Фæлæ уырдыгæй куы æрыздæхт, уæд æм бынтон æцæгæлон фæзынд Томайы боцъо. Уый уыди урс. Æрмæст ма дзы стæм рæтты аззади сау хилтæ.
Æмæ ныр куы федта йæ уарзон цæсгом æмæ йæ зонгæ зачъе, уæд ын мæлæты æхсызгон уыди. Фæлæ ацы æнкъарæн уайтагъд амард. Сæрмæты фæлурс цæсгомыл абадт тар æндæрг.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0