https://sputnik-ossetia.com/20230907/khussar-iry-prezident-arvitdzn-gumanitaron-khkhuys-so-khstontn-25556270.html
Хуссар Иры президент арвитдзæн гуманитарон æххуыс СÆО хæстонтæн
Хуссар Иры президент арвитдзæн гуманитарон æххуыс СÆО хæстонтæн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 7 сен – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан æввахс бонты арвитдзæн гуманитарон æххуысы радон парти ирон хæстонтæн, кæцытæ... 07.09.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-09-07T17:25+0300
2023-09-07T17:25+0300
2023-09-07T17:25+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/05/1a/23552779_0:0:3071:1728_1920x0_80_0_0_6ecf64684b9730031d9d37077552a95b.jpg
ЦХИНВАЛ, 7 сен – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан æввахс бонты арвитдзæн гуманитарон æххуысы радон парти ирон хæстонтæн, кæцытæ хайад исынц сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО). Уый тыххæй журналисттæн фехъусын кодта паддзахады сæргълæууæджы æххуысгæнæг Плиты Алан.Уый у гуманитарон æххуысы æртыккаг егъау парти президентæй. Ацы аз апрелы Гаглойты Алан йæхæдæг æрласта гуманитарон æххуысы парти 4-æм æфсæддон базæйы хæстонтæн, афтæ ма бархионтæн "Алания" æмæ "Шторм" батальонтæй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/05/1a/23552779_225:0:2956:2048_1920x0_80_0_0_f397675e6465abc8f84cf233c566ca67.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы, гаглойты алан
Хуссар Иры президент арвитдзæн гуманитарон æххуыс СÆО хæстонтæн
ЦХИНВАЛ, 7 сен – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан æввахс бонты арвитдзæн гуманитарон æххуысы радон парти ирон хæстонтæн, кæцытæ хайад исынц сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО). Уый тыххæй журналисттæн фехъусын кодта паддзахады сæргълæууæджы æххуысгæнæг Плиты Алан.
"Президенты барамындмæ гæсгæ æввахс бонты СÆО зонæмæ арвитдзыстæм гуманитарон æххуыс. Махæн ис иудадзыг бастдзинад нæ хæстонтимæ, æмæ сæ ныртæккæ тынг хъæуы транспорт. Уый фæдыл мах арвитдзыстæм æхсæз автомобилы "Нива", кæцыты уæлæмхасæй сæвæрдзыстæм фыццаг æнæмæнгхъæугæдзинады æрмæджытæ, афтæ ма техникон фæрæзтæ. Президент уæлдай хъусдард здахы нæ хæстонтæм, æмæ мах иууылдæр æнхъæлмæ кæсæм се ‘рыздæхтмæ Уæлахизимæ!", - банысан кодта Плиты Алан.
Уый у гуманитарон æххуысы æртыккаг егъау парти президентæй. Ацы аз апрелы Гаглойты Алан йæхæдæг æрласта гуманитарон æххуысы парти 4-æм æфсæддон базæйы хæстонтæн, афтæ ма бархионтæн "Алания" æмæ "Шторм" батальонтæй.