Финансисты бæрнон куыст тынг ахсджиаг у РХИ райрæзтæн – Гаглойты Алан

© freepik / pressfotoКалькулятор
Калькулятор  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта республикæйы финансон къабазы кусджытæ æмæ ветерантæн – майрæмбоны уыдон нысан кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон.

"Ацы уæззау æмæ бæрнон куыст иттæг ахсджиаг у Республикæ Хуссар Ирыстоны экономикæйы эффективон райрæзтæн. Бæрзонд профессионализм æмæ намыс – миниуджытæ, кæцытæй сымах хицæн кодтат алыхатт дæр. Ныфс мæ ис, кæй сæххæст кæндзыстут уæ разы лæууæг хæслæвæрдтæ", - банысан кодта президент йæ арфæйы ныхасы.

Гаглойты Аланы зæрдæ загъта, цæмæй финансистты архайды хатдзæг алыхатт дæр уа æмбæстæгты фæрныгады фæфылдæр æмæ республикæйы алыварсон райрæзт.
Ног хабӕртты лентӕ
0