Хуссар Иры зынгфæдисонтæ ахуыссын кодтой æртæ зынгсирвæзты иу изæрмæ

© Пресс-служба МЧС РЮОХуссар Иры зынгфæдисонтæ ахуыссын кодтой æртæ зынгсирвæзты иу изæрмæ
Хуссар Иры зынгфæдисонтæ ахуыссын кодтой æртæ зынгсирвæзты иу изæрмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны зынгфæдисонтæ аиуварс кодтой æртæ зынгсирвæзты иу изæрмæ, хъусын кæны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
Цыппæрæмы уагдоны радгæсон хайадмæ бацыд хъусинаг хус кæрдæджы ссыгъдты фæдыл Знауыры районы Принеу æмæ Тъилианы хъæуты.

"Зынгсирвæзттæ ахуыссын кæныны архайдтой дыккæгæм зынгфæдисон-ирвæзынгæнæг хайады къордтæ. Уыдон æвæстиатæй ахуыссын кодтой арт", - дзырдæуы хъусинаджы.

Уый размæ ма УУМ-мæ бацыд хъусинаг хус кæрдæджы ссыгъды фæдыл Цхинвалы районы Дменисы хъæуы.
Ног хабӕртты лентӕ
0