Гаглойты Алан Башар Асадыл: Фыдыбæстæйæн лæггад кæныны дæнцæг

© Пресс-служба президента РЮОГаглойты Алан Башар Асадыл: Фыдыбæстæйæн лæггад кæныны дæнцæг
Гаглойты Алан Башар Асадыл: Фыдыбæстæйæн лæггад кæныны дæнцæг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта сириаг лидер Башар Асадæн йæ гуырæнбоны цытæн.
"Дæ цард у Фыдыбæстæ æмæ хæсæн лæггад кæныны дæнцæг. Дæ барст æиæ фидар позици Сириаг Араббаг Республикæйы паддзахондзинад бахъахъхъæнын, активон куыст, æмбæстæгты исбонон уавæр фæуæлдæр кæнынын дын снывæзтой авторитет куыд Сирийы, афтæ æндæр рæтты дæр", - дзырдæуы арфæйы ныхасы.
Гаглойты Аланы зæрдæ загъта Асадæн фидар æнæниздзинад, ног æнтыстытæ æмæ Сирийы дидинæфтыдыл нысангонд нывæстыты реализаци, республикæйы æфсымæрон адæмæн та – сабырдзинад æмæ хорздзинад.
Ног хабӕртты лентӕ
0