Цхинвалы Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны бакодтой тематикон лагерь

© SputnikЦхинвалы Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны бакодтой тематикон лагерь
Цхинвалы Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны бакодтой тематикон лагерь - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 сен – Sputnik. Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны Цхинвалы къуырисæры цытджын мадзалæй бакодтой тематикон лагерь. Фондз боны дæргъы 25 сывæллоны кусдзысты æхæстгæнæн ахуырадон программæ "Волшебная страна математиков"-мæ гæсгæ ("Математикты алæмæттаг паддзахад"), афтæ ма сæ бон суыдзæн æндæр фадгуыты дæр сæ тыхтæ бавзарын.
Уагдонады педагог-организатор, афтæ ма лагеры сæргълæууæг Бететы Виктория банысан кодта, лагерь арæзт кæй у математикæйы æвзыгъд æртыккæгæм æмæ цыппæрæм кълæсты ахуыргæнинæгтæн.
"Ныфс нæ ис, сывæллæттæ кæй ссардзысты сæхицæн æмбæлттæ æмæ райсдзысты бирæ ног зонындзинæдтæ, афтæ ма фидæны адарддæр кæндзысты сæ ахуыр "Æвзонг математикты скъола"-йы, кæцы бакæндзыстæм Галуаны 17 сентябры", - загъта уый.
Цытджын линейкæйы фæстæ отрядтæ араст сты актон залмæ презентаци æмæ равдыстмæ бакæсынмæ. Боны дæргъы сæ нывæсты ис матерматикæйæ дарддæр ныв кæнын, кафын, музыкæ, шахмæттæ, афтæ ма сын уыдзæн аходæн дæр.
Сæ бон æрвитдзысты лагеры изæры æхсæзы ᾿рдæгмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0