Мыздтæ нæ фæкъаддæр уыдзысты: Цæрикъаты Хъазбег РХИ бюджеты фадыджы тыххæй

© Sputnik / Михаил АвагимовМыздтæ нæ фæкъаддæр уыдзысты: Цæрикъаты Хъазбег РХИ бюджеты фадыджы тыххæй
Мыздтæ нæ фæкъаддæр уыдзысты: Цæрикъаты Хъазбег РХИ бюджеты фадыджы тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 сен – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны бюджеты фадыджы кусджытæ ацы азы ноябрь æмæ декабры мæйы мыздтæ кæй нæ райсдзысты, кæнæ та райсдзысты къахырæй, уыцы информаци раст нæу. Уый тыххæй радзырдта республикæйы финансты министр Цæрикъаты Хъазбег Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты брифингы рæстæджы.
"Цавæрдæр глобалон проблемæтæ не ᾿рцæудзæн. Хуымæтæджы ис элементтæ, кæцытæ ныхмæ лæууынц æмæ исты хуызы фæивой хуссарирыстойнаг æхсæнады ахаст архайгæ хицауадмæ. Мæнмæ гæсгæ сын ницы рауайдзæн. Бюджеты сферæйы кусджытæ ноябрь æмæ декабры мызд кæй нæ райсдзысты, кæнæ йæ райсдзысты, фæлæ къахырæй, уый раст нæу. Уыдон сты дам-думтæ", - бахахх кодта уый.
Цæрикъаты Хъазбег бафтыдта, паддзахадон бюджетимæ баст проблемæтæн иууылдæр кæй ис скъуыдздзаггæнæн, æмæ уымæ гæсгæ цæрджытæ ма хъуамæ тыхсой.
Ног хабӕртты лентӕ
0