Хуссайраг Æфсæддон зылды танкисттæ скуынæг кодтой "ныхмæлæууæгон" тых Хуссар Ирыстоны

© Photo : Пресс-служба ЮВОХуссайраг Æфсæддон зылды такисттæ скуынæг кодтой "ныхмæлæууæгон" тых Хуссар Ирыстоны
Хуссайраг Æфсæддон зылды такисттæ скуынæг кодтой ныхмæлæууæгон тых Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 сен – Sputnik. Хуссайраг Æфсæддон зылды 58-æм иумæйагон æфсæддон армийы хæстон базæйы танкисттæ, кæцытæ дислокацигонд сты РХИ, ауагътой æфсæддон ахуыртæ, хъусын кæны УФ Хъахъхъæнынады министрад.

"Дзарцемы полигоны быдырон рахызты рæстæджы æфсæддонтæ скуынæг кодтой танктæ, артиллерион æвæрдтæ, афтæ ма "ныхмæлæууæджы" удæгас тыхтæ", - банысан кодтой уагдонады.

Куыд ма бафтыдтой УФ Хъахъхъæнынады министрады, афтæмæй æфсæддонтæ ауагътой хæстон æхстытæ æхсæвы уыныны ифтонгадæй пайдагæнгæйæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0