Роспотребнадзоры фехъусын кодтой респираторон низты сезоны райдианы тыххæй Цæгат Ирыстоны

© Sputnik / Максим БогодвидРоспотребнадзоры фехъусын кодтой респираторон низты сезоны райдианы тыххæй Цæгат Ирыстоны
Роспотребнадзоры фехъусын кодтой респираторон низты сезоны райдианы тыххæй Цæгат Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 сен - Sputnik. Цæгат Ирыстоны срегистраци кодтой ног коронавирусон инфекцийы фондз цауы. Рынчынтæ иууылдæр сты контактонтæ, хъусын кæны республикæйы Роспотребназдзоры пресс-службæ. Уагдонады банысан кодтой, ковиды пандеми кæй æрлæмæгъ, эпидемиологон ситуаци у стабилон, иугай рынчынтæ ма рабæрæг вæййынц.
"Коронавирус банымадтой ОРВИ-мæ, йæ сезонмæ гæсгæ фæтынг вæййы æрвылаз фæззæджы. Ныры рæстæджы ситуаци у стабилон", - загътой Роспотребнадзоры.
Уагдонады бафæдзæхстой цæрджыты æххæст кæнын инфекци бахæцынæй профилактикон мадзæлттæ, уæд низ нæ апарахат уыдзæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0