Цхинвалы æртыццæджы цæуы Хуссар Ирыстоны президенты призтыл турниры æртыккаг тур

© Sputnik / Ада БагианЦхинвалы æртыццæджы цæуы Хуссар Ирыстоны президенты призтыл турниры æртыккаг тур
Цхинвалы æртыццæджы цæуы Хуссар Ирыстоны президенты призтыл турниры æртыккаг тур - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 сен – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны столицæйы æртыццæджы цæуы РХИ президенты Кубокыл футболæй æрвылазон республикон турниры æртыккаг тур.
Æппæтæй æртыккаг хъазыны боны фæлгæтты ацæудзæн фондз фембæлды.
Фыццæгтæ быдырмæ рахызтысты командæтæ "Дыргуис" æмæ УФ Арæнгæронт службæ.
10.20 ацыд столицæйы районты – "Массив" æмæ "Хъайтартæ"– къордты фембæлд.
Афтæ ма хъаздзысты паддзахадон хъахъхæнджытæ "Хурзæрин" æмæ "Фаллаг Фарс" - РХИ МХМ.
Кæронбæттæны та – Цхинвалы районы æмбырд "В4 70007".
Хъахъхъæныджыты министрады æмбырдгонд ацы туры хайад нæ исы.
Ерысты къордон хай фæуыдзæн 15 сентябры. Æрдæгфиналтæ ацæудзысты дыккаг бон. Æртыккаг бынатæн матч æмæ финал ацæудзысты иннæ къуырисæры, 18 сентябры.
Ерысты призонд фонд у 180 мин сомы. Уæлахиздзау райсдзæн 100 мин сомы, дыккагбынатæн – 50 мин сомы, æртыккаг бынатæн – 30 мин сомы.
Ног хабӕртты лентӕ
0