Уæрæсейаг логопедтæ æмæ психологтæ ауадздзысты семинартæ Цхинвалы

© Sputnik / Natalia AiriyanУæрæсейаг логопедтæ æмæ психологтæ ауадздзысты семинартæ Цхинвалы
Уæрæсейаг логопедтæ æмæ психологтæ ауадздзысты семинартæ Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 сен – Sputnik, Плиты Фатима. Хуссар Ирыстоны логопедтæ æмæ психологтæн Цхинвалы ауадздзысты семинартæ уæрæсейаг специалисттæ, радзырдта Sputnik президенты дæлбар сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын Джиоты Аэлита.
"Æрцæудзысты æртæ специалисты Хосгæнæн педагогикæйы центрæй: логопед, ахуыргæнæг-дефектолог æмæ педагог-психолог. Уыдон амондзысты нæ специалисттæн, кæцытæ дæрддæр кусдзысты рæзыны уæззау фæткхæлдтæ кæмæн ис, ахæм сывæллæтимæ", - загъта ныхасæмбал.
Куыд банысан кодта Джиоты Аэлита, специалисттæ уадздзысты семинартæ Цхинвалы дыууæ боны дæргъы. Се ᾿рцыд нывæстгонд у 29-30 сентябрмæ.
Мадзал цæуы Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджынтæ Мария Львова-Белова æмæ Джиоты Аэлитайы ᾿хсæн бафыстгонд меморандумы фæлгæтты.
Ног хабӕртты лентӕ
0