Гаглойты Алан: Хуссар Ирыстон уæлдай аргъ кæны Медведевы историон уынаффæйæн

© POOL /  Ахизын медиабанкмæГаглойты Алан: Хуссар Ирыстон уæлдай аргъ кæны Медведевы историон уынаффæйæн
Гаглойты Алан: Хуссар Ирыстон уæлдай аргъ кæны Медведевы историон уынаффæйæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны уæлдай аргъ кæнынц Дмитрий Медведевы уынаффæскъуыдæн Уæрæсейы Федерацийы ᾿рдыгæй республикæй хæдбардзинад банымайын, банысан кодта йæ гуырæнбонон арфæйы ныхасы паддзахды сæргълæууæг Гаглойты Алан.
"Дæ лæггæдтæн Уæрæсейы Федерацийы размæцыд æмæ интерестæ бахъахъхъæнын, барад æмæ рæстдзинады принциптæ æрфидар кæныны хъуыддаджы аргъ скæнæн нæй. Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæнынц историнон уынаффæскъуыдæн Уæрæсейы Федерацийы ᾿рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайын æмæ æрвыл дæр уыдзысты бузныг, сабырдзинад æмæ нæм сомбоны мидæг уырнындзинад кæй ис, уый тыххæй", - æрхаста президенты ныхæстæ йæ пресс-службæ.
Паддзахады сæргълæууæджы зæрдæ загъта Медведевæн фидар æнæниздзинад, хордзинад æмæ Уæрæсейы хорзæхмæ здæхт нывæстгонд хъуыдддæгтæ се ᾿ппæтдæр сæххæст кæнын.
Ног хабӕртты лентӕ
0