"Остелеком"-ы радзырдтой абонетты сим-картæты фехæлды аххоссæгты тыххæй

© Sputnik / Natalia Airiyan"Остелеком"-ы радзырдтой абонетты сим-картæты фехæлды аххоссæгты тыххæй
Остелеком-ы радзырдтой абонетты сим-картæты фехæлды аххоссæгты тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 сен – Sputnik, Козаты Диана. "Мегафон-Хуссар Ирыстоны"-ы абонентты сим-картæты хæлдты нымæц нæ фæфылдæр ис, фехъусын кодтой Sputnik компанийы офисы.
Фæстаг рæстæджыты операторы абоненттæ хъаст кодтой сæ сим-картæтæ кæй фехæлынц.
Иууыл арæхдæр аххосаг у æгæр куы стæвд вæййынц модемтæ, кæнæ роутертæ. Афтæ ма роумингы зонæтæй кæй ахизынц, уый дæр, сигнал вæййы лæмæгъ æмæ бастдзинад фесæфы.

"Банысан кæндзынæн уый дæр, æмæ ахæм уавæры сим-картæйæн хъæуы самал кæнын хызы æрмагуырд: бахизын уагæвæрдмæ, равзарын хызæг, рахицæн кæнын автоматикон агуырды нысан, банхъæлмæ кæсын, цалынмæ хызæг разына æмæ равзарын Megafon", - бамбарын кодта æхсæнадимæ бастдзинадты специалист Бежанты Зарина.

Арæхдæр ахæм архайды фæстиуæгæн сим-картæйы куыст æрнывыл вæййы.
Ног хабӕртты лентӕ
0