Гаглойты Алан санитарон-эпидемиологон службæйы тыххæй

© Sputnik / Сергей Венявский /  Ахизын медиабанкмæГаглойты Алан санитарон-эпидемиологон службæйы тыххæй
Гаглойты Алан санитарон-эпидемиологон службæйы тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 сен – Sputnik. Профилактикон архайд у æппæт æнæниздзинады бындур, банысан кодта йæ арфæйы ныхасы Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан санитарон-эпидемиологон кусджыты боны цытæн.
Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, санитарон дохтыртæ æмæ эпидемиологтæ кæй фервæзын кодтой бирæ удты, ахъаз фесты алыхуызон бактериалон, вирусон инфекцитæ райрæзт бауромын.

"Уæлдай ахадындзинад уыд уæ профессийæн COVID-19 æвирхъау пандемийы рæстæджы. Сымах уæ æнæниздзинадæн тæссаг уавæры фидарæй фæлæууыдыстут низы ныхмæ. Абон сымах архайут æрмæст профилактикæ нæ, фæлæ ма фæлхасгæнджыты бартæ дæр хъахъхъæнут. Уæ цæстдарды бын вæййы товартæ æмæ лæггæдтæ, цæрджыты куысты, цæрыны æмæ улæфыны уавæрты æмбæлон уагæвæрд. Уæ профессионализм æмæ раст куыстыл баст у республикæйы цæрджыты бæркад", - æрхаста Гаглойты Аланы цитата пресс-службæ.

Президент равдыста фидар уырнындзинад, санитарон дохтыртæ дарддæр дæр кæй кусдзысты æнтысджынæй æмæ уыдзысты фидар хъомысджын командæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0