Гаглойты Алан схорзæхджын кодта республикæйы сæйраг санитарон дохтыры Хæларады орденæй

© Мария СанакоеваГаглойты Алан схорзæхджын кодта республикæйы сæйраг санитарон дохтыры Хæларады орденæй
Гаглойты Алан схорзæхджын кодта республикæйы сæйраг санитарон дохтыры Хæларады орденæй  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 сен - Sputnik, Козаты Диана. Президент Гаглойты Алан схорзæхджын кодта Югосетпотребнадзоры сæргълæууæг Коцты Маринæйы Хæларады орденæй.
Уагдонад майрæмбоны нысан кæны профессионалон бæрæгбон – санитарон службæйы бон. Коллективæн раарфæ кæнынмæ æрбацыд президент.
"Абон у уæ бæрæгбон æмæ мæ фæнды сымахæн æппæт зæрдæйæ раарфæ кæнын. Коронавирусы рæстæджы цы куыст бакодтад республикæйы æдасдзинады номыл, уымæн саргъ кæнæн нæй", - загъта президент.
Президент бахахх кодта, санитарон уагдонады кусджытæ алы бон кæй хъахъхъæнынц Хуссар Ирыстоны цæрджыты æнæниздзинад.
Ног хабӕртты лентӕ
0