Хуссар Ирыстоны цæуынц Республикæйы бонмæ æфсæддон парады репетицитæ

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Ирыстоны цæуынц Республикæйы бонмæ æфсæддон парады репетицитæ
Хуссар Ирыстоны цæуынц Республикæйы бонмæ æфсæддон парады репетицитæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 сен – Sputnik. Цхинвалы сæйраг фæзуатыл цæуынц æфсæддон парады репетицитæ Республикæ Хуссар Ирыстоны расидыны боныл 33-аг афæзыбонмæ, хъусын кæны РХИ Хъахъхъæнынады министрады пресс-служба.
"Ахуырты рæстæджы бакуыстой парады сценарийыл: паддзахадон тырысайы рахæссын, парады хъыгъдты архайды æрнывыл кæнын, æмæ цытджын маршы æндæр элементтæ", - банысан кодтой хъахъхъæнынады уагдонады.
Министрады бафтыдтой парады генералон репетици æфсæддон техникæимæ ацæудзæн къуырисæры 18 сентябры.
Ног хабӕртты лентӕ
0