Хуссайраг зенитон æхсджытæ скуынæг кодтой "ныхмæлæууæджы" ныллæг тæхæг нысæнттæ

© Photo : Пресс-служба ЮВОХуссайраг зенитон æхсджытæ скуынæг кодтой "ныхмæлæууæджы" ныллæг тæхæг нысæнттæ
Хуссайраг  зенитон æхсджытæ скуынæг кодтой ныхмæлæууæджы ныллæг тæхæг нысæнттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны дислокацигонд Хуссайраг æфсæддон зылды 58-æм армийы зенитон æхсджытæ скуынæг кодтой бадзырдтон ныхмæлæууæджы ныллæг тæхгæнысæнттæ зенитон-ракетæйон комплекс "Тор-М1"-ы руаджы, хъусын кæны Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрад.
"Æфсæддонтæ сæххæст кодтой нормативтæ ссарын, æмæ алыхуызон уæлдæфон нысаны фæдыл зилын, афтæ ма æхсын æмæ электрон суагъдæ уадзын 10 км нысангонд милтæм", - банысан кодта ХÆЗ пресс-службæ.
Тренировкæйы рæстæджы бафтыдтой уагдонады, æфсæддон хыгъдтæ, афтæ ма ауагътой æхсыны позициты маскировкæ, сорганизаци кодтой бастдзинад æмæ техникæйы рацыд бæллцон уагæвæрдæй хæстон уагæвæрдмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0