Багаты Алан ссис Уæрæсейы чемпион уæгъдибар хъæбысхæстæй 24 азы кары онг

© "15-й Регион"Багаты Алан
Багаты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 сен – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Ирыстойнаг уæгъдибар хъæбысæйхæцæг Багаты Алан рамбылдта сыгъзæрин майдан Уæрæсейы чемпионаты Наро-Фоминскы 24 азы кары онг спортсменты æхсæн.
Финалы 92 килограммы уæзы категорийы Багаты Алан рамбылдта Мустафагаджи Малачдибировы (Дагестан).
Уый размæ Уæрæсейы фыццагады сыгъзæрин майдан рамбылдта ноджы иу ирон спортсмен – Козырты Сергей (97 кг).
Уæрæсейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй 24 азы кары онг спортсменты æхсæн уагъд цыд Наро-Фоминскы. Ацы ерыстæ сты æвзарæн этап 23 азы кары онг дунейы чемпионатмæ, кæцы ацæудзæн октябры кæрон Тиранайы (Албани).
Ног хабӕртты лентӕ
0