Гафез - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2023
"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 21 сæр

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 21 сæр
Рафыссын
Залихан ацы фæндагыл бирæ хæттыты цыдис. Цыдис ыл уалдзæг дæр, сæрд дæр, фæззæг дæр æмæ зымæг дæр. Цыдис ыл иунæгæй дæр æмæ æмбæлттимæ дæр, бæхыл дæр æмæ фистæгæй дæр. Куыннæ дзы уыдаид цины сахаттæ æмæ уысмытæ дæр, уæлдайдæр та-иу Цопанимæ куы цыдис, уæд!
Фæлæ йæм уæддæр ацы балц кæсы цыдæр æндæргъуызон. Хур ын йæ онтыл хъазы, хъарм æй кæны.Рог дымгæ йæ гуырыл кафы æмæ йын йæ дзыккутæ змæнты. Фæззыгæндтæ цъæх адардтой æмæ сæ зæрдæ рухс кæны. Фæндаджы былты дидинтæ сæ сæртæ сдардтой æмæ дзурынц: "Æгас цу, хур, æгас цу, уалдзæг!"
Залиханæн фæстаг азты цæуын фæзын. Цыма-иу ын йæ алы къахдзæф дæр йæ зæрдæ сриуыгъта, афтæ æнкъардта йæхи. Фæлæ ныр иудзæвгар рацыд æмæ йын ницы у. Иæ зæрдæ чердыгæй ис, уый зонгæ дæр нæ кæны.
Æви кæд райгуырæн уæзæг дæтты æвзонгад æмæ тыхтæ?
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0