Хуссар Иры хицауад снысан кодта улæфт бонтæ 2024 азмæ

© Sputnik / Алексей КовалевХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 сен - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад снысан кодта улæфт бонтæ 2024 азмæ.
Министрты кабинет аскъуыддзаг кодта рахæссын улæфт бон 6 январы сабатæй 10 майы майрæмбонмæ, 7 январы хуыцаубонæй 30 майы цыппæрæммæ, 25 майы сабатæй 31 майы майрæмбонмæ.
Афтæмæй, фæллойадон законады нормæтæ хынцгæйæ, 2024 азы Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ улæфдзысты:
1 январæй 7 январмæ;
23 февралæй 25 февралмæ;
8 мартæй 10 мартмæ;
1 майы;
9 майæ 12 маймæ;
29 майæ 2 июньмæ;
12 июны
24 августæй 26 августмæ;
20 сентябрæй 23 сентябрмæ;
23 ноябрæй 25 ноябрмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0