Гафез - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2023
"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 22 сæр

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 22 сæр
Рафыссын
Сограт æрæджы райдыдта кусын районы мидхъуыддæгты хайады хистæрæй. Раздæр милицийы фæдысгарæгæй куыста. Уый фæстæ каст фæци Мæскуыйы юридикон факультет æмæ йæ арвыстой ацы бынатмæ. Кæимæ кусы, уыдон ын иууылдæр зонгæ уыдысты. Бузныг сæ у. Æвæццæгæн ын йæхицæй дæр нæ рахъаст кæидзысты. Царды бирæ ивындзинæдтæ æрцыд, æмæ алцыдæр лыстæггай æвзарын хъæуы. Ирон æмбисонд раст у: "Гæппæй дугъ нæй!"
Согратæн йæ куыст тыхст адæймæгтимæ у. Адæймаджы хъысмæт йæ къухы вæййы. Æмæ йæм лæмбынæг кæсын хъæуы. Зæххыл адæймагæй зынаргъдæр ницы ис.
Æвæринаг у.
Сограт хæрдæй куы схызт, уæд баййæфта иу усы. Уыдис ыл урс къандзол æмæ китайаг чесунча ибкæ. Йæ сæры хъуынтæ урс-урсид, мигъау бæрзонд бадынц æмæ, цыма йæ сæрыл не сты, фæлæ йæ сæрмæ сæхæдæг гуылф кæнынц уæлдæфы. Дымгæйы æрбадымдæй иннæрдæм фæцудынц æмæ рог змæлд бакæнынц. Усæн йæ къухы ис, базармæ кæй фæхæссынц, ахæм сау хызын. "Æвæццæгæн дзы уый бæрц ницы ис, æгæр рогæй йæ хæссы", — ахъуыды кодта Сограт.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0