Хуссар Иры минæвар хайад райсдзæн фæсивæдон конференцийы Казахстаны

© Из личного архива Арины ЦховребовойЦхуырбаты Арина
Цхуырбаты Арина - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстон Уæрæсейы минæварады æххуысæй хайад райсдзæн уæрæсейаг æмбæстæгты III Регионалон фæсивæдон конференцийы Казахстаны, фехъусын кодта Sputnik-æн мадзалы хайадисæг, Националон иртасæн технологон университет МИСиС-ы рауагъдон Цхуырбаты Арина.
Конференцийы сæйраг темæ у уырыссаг æвзаджы æндæвдад æхсæнкультурон æмархайдыл.
"Æз бавдисдзæн доклад "Влияние социальных сетей на наше восприятие других культур, государств и на межкультурный диалог". Социалон хызæгтæн ис ахсджиаг бынат æхсæнкультурон коммуникацийы райрæзты", - загъта Цхуырбаты Арина.
Йæ доклады уый радзурдзæн социалон хызæгты æвæрццаг æмæ æппæрццаг миниуджытыл.
Афтæ ма Цхуырбаты Арина бафтыдта, зæгъгæ, йæ балцы сæйраг нысан – контакттæ сæххæст кæнын уæрæсейаг æмбæстæгтимæ. Фидæны уый фадат ратдзæн райсын фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæ ног проектты тыххæй, кæцытæй гæнæн ис пайда кæнын Хуссар Ирыстоны.
Конференци ацæудзæн горæт Алма-Атайы 20 æмæ 21 сентябры.
Ног хабӕртты лентӕ
0