https://sputnik-ossetia.com/20230919/khussar-iry-nysan-knynts-paddzakhadon-tyrysayy-bon-25731769.html
Хуссар Иры нысан кæнынц Паддзахадон Тырысайы бон
Хуссар Иры нысан кæнынц Паддзахадон Тырысайы бон
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 19 сен – Sputnik, Козаты Диана. Ирон тырыса ссудзы нæ адæмы алкæцыйы минæвары зæрдæйы дæр иууыл ирддæр æнкъарæнтæ, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны... 19.09.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-09-19T14:26+0300
2023-09-19T14:26+0300
2023-09-19T14:26+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
бæрæгбон
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/305/08/3050820_0:178:2000:1303_1920x0_80_0_0_7e004f182a58dd708e2b5cea6b16d4b1.jpg
ЦХИНВАЛ, 19 сен – Sputnik, Козаты Диана. Ирон тырыса ссудзы нæ адæмы алкæцыйы минæвары зæрдæйы дæр иууыл ирддæр æнкъарæнтæ, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан.Республикæ дыццæджы нысан кæны Паддзахадон Тырысайы бон. Хуссар Ирыстоны столицæйы сæйраг фæзуатыл ацыд бæрæгбонон мадзал. Цыты караулы ротæйы æфсæддонтæ рахастой ирон тырыса æмæ йæ сæвæрдтой президенты администрацийы бæстыхайы раз.Паддзахады сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, ирон тырыса иу кæны адæмы тырнындзинад бахъахъхъæнын сæрибардзинад, кæцыйæн бафыстой стыр аргъ.Президент ма бахахх кодта, тырысаимæ, кæцыйы раз ард бахæрынц, баст сты нæ паддзахады историйы хъайтардзинады бонтæ.Цхинвалы Театралон фæзуатыл нысаниуæгджын датæйы ацыд бæрæгбонон концерт дæр.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/305/08/3050820_0:0:1780:1335_1920x0_80_0_0_dec3d3ec50063565c5b2e37e2fc70ec6.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, бæрæгбон, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, бæрæгбон, гаглойты алан
Хуссар Иры нысан кæнынц Паддзахадон Тырысайы бон
ЦХИНВАЛ, 19 сен – Sputnik, Козаты Диана. Ирон тырыса ссудзы нæ адæмы алкæцыйы минæвары зæрдæйы дæр иууыл ирддæр æнкъарæнтæ, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан.
Республикæ дыццæджы нысан кæны Паддзахадон Тырысайы бон. Хуссар Ирыстоны столицæйы сæйраг фæзуатыл ацыд бæрæгбонон мадзал. Цыты караулы ротæйы æфсæддонтæ рахастой ирон тырыса æмæ йæ сæвæрдтой президенты администрацийы бæстыхайы раз.
"Урс-сырх-бур тырыса æвдисы нæ Фыдыбæстæйы тых æмæ национ иудзинад. Уый мидæг æвæрд сты нæ паддзахаддзинад, нацийы хиæмбарындзинад æмæ монон хæзнатæ", - загъта Гаглойты Алан йæ раныхасы.
Паддзахады сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, ирон тырыса иу кæны адæмы тырнындзинад бахъахъхъæнын сæрибардзинад, кæцыйæн бафыстой стыр аргъ.
Президент ма бахахх кодта, тырысаимæ, кæцыйы раз ард бахæрынц, баст сты нæ паддзахады историйы хъайтардзинады бонтæ.
"Абон нæ тырысайы бын ирон хæстонтæ удуæлдай тох кæнынц фашизмы ныхмæ Украинæйы, хъахъхъæнынц нæ истори æмæ нæ хæзнатæ. Ирон тырыса сæ иу кæны, дæтты сын тыхтæ уæлахизмæ фæндагыл", - банысан кодта Гаглойты Алан.
Цхинвалы Театралон фæзуатыл нысаниуæгджын датæйы ацыд бæрæгбонон концерт дæр.