Хуссар Иры президент радта паддзахадон хорзæхтæ Республикæйы боны хæдразмæ

© Sputnik / Олег ДжагаевХуссар Иры президент радта паддзахадон хорзæхтæ Республикæйы боны хæдразмæ
Хуссар Иры президент радта паддзахадон хорзæхтæ Республикæйы боны хæдразмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 сен – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ауагъта паддзахадон хæрзиуджытæй хорзæхкæныны церемони. Ордентæ, цытджын нæмттæ æмæ кады грамотæтæй нысангонд рахицæн кодтой барадхъахъхъæнæг органтæ, амалиуæгад, культурæ, спорт, ДИФ кусджыты, афтæ ма æндæр фадгуыты минæвæртты дæр.
Мадзал ацыд РХИ паддзахадон Тырысайы боны æмæ йæ æрæмных кодтой Республикæйы 33-афæдзы боны цытæн, кæцы банысан кæндзысты æртыццæджы 20 сентябры.
Хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта æппæт хорзæх райсджытæн æрцæугæ бæрæгбоны номыл, йæ зæрдæ сын загъта æнтыстытæ куысты æмæ царды.
Ног хабӕртты лентӕ
0