УФ минæварад раарфæ кодта Хуссар Иры цæрджытæн Тырысайы боны цытæн

© SputnikУФ минæварад раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны цæрджытæн Тырысайы боны цытæн
УФ минæварад раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны цæрджытæн Тырысайы боны цытæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 сен – Sputnik. Паддзахадон тырыса у бæстæ æмæ йæ адæмы символ, дзырдæуы УФ минæварады арфæйы ныхасы республикæйы цæрджытæн ирон Тырысайы боны цытæн.
Хуссар Ирыстоны дыццæджы нысан кæнынц паддзахадон Тырысайы бон, нысаниуæгджын датæ фыццаг хатт банысан кодтой 10 азы размæ – 2013 азы 19 сентябры.
"Растдæр паддзахадон Тырыса у республикæйы цæсгом æхсæнадæмон аренæйы, йæ уæвынады бæрæггæнæн куыд æхсæнадæмон барады сæрмагонд субъект", - дзырдæуы арфæйы ныхасы тексты.
Дипломатон уагдоны бахахх кодтой, националон триколор кæй ифтонг кæны традицитæ æмæ æгъдæуттæ адæттын фыдæлтæй фæдонтæм.
Хуссар Ирыстоны тырысайæ райдыдтой пайда кæнын 1989 азы, фыццаг хатт уыд фыст 1990 азы 26 ноябры ист Конституцийы, уый фæстæ, 1992 азы 13 январы йæ æрфидар кодтой паддзахадон символ Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон Тырысайы тыххæй Закъоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0