Гафез - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2023
"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 24 сæр

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 24 сæр
Рафыссын
Хъазбег каст фæци уæлдæр скъола, Агуындæ та дыккаг курсы ахуыр кæны. Ныр та уый вæййы Сталиниры. Хъазбеджы йæхи фæндонмæ гæсгæ рарвыстой сæхи хъæумæ ахуыргæнæгæй. Бæргæ чидæртæ скойтæ кодта, зæгъгæ, йæ директорæй сæрвитын хъæуы Саргъаумæ, фæлæ районы ахуырады хайад йæ гæндзæхтæ бацагъта: "Саргъауы Тасолтанæй хуыздæр директор нæ хъæуы, нæдæр æй аргæ скæндзыстут!" — æмæ ууыл æппæт дæр алыг.
Хъазбег æмæ Агуындæ цы æмбарынц? Уыдонмæ афтæ зыны, цыма размæ кæй цæуынц æмæ сæ хъуыддæгтæ рæвдз кæй сты, уый сæ хъару, сæ арæхстдзинады фæрцы у. Фæлæ, уый ма зонат, æмæ уыдон уæ фæсвæд Сауи аразы. Цы хуызæн æмæ кæй фæрцы, уый Сауи никæмæн зæгъдзæн.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0