Гафез - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2023
"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 26 сæр

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 26 сæр
Рафыссын
Зинæ Агуындæйы фарсмæ йæхи æруагъта йæ рæмбынкъæдзыл æмæ ныссабыр. Нал æй фæндыд дзурын, йæ ивгъуыд тар бонтæ мысын.
— Дзур! — раздæрау цæхгæр нæ, фæлæ аудгæ хъæлæсы уагæй загъта Агуындæ.
— Цы ма дын дзурон, дæхæдæг сæ мæнæй хуыздæр зоныс.
— Æз сæ афтæ иумиагæй зонын, фехъусгæ ныхасæй... Ды æмбæхст дæ. Дæ зæрдæ мын никуы байгом кодтай.
— Мæ зæрдæ æгæр гом кæй уыд, куыйтæ дæр дзы къахсæрфæн уымæн скодтой...
Агуындæ бамбæрста, Зинæ йын куыйтæ йе ’фсымæр æмæ йæ фыды кæй хоны. Хъыг ын уыди, ацы ныхас никæмæн ныббарстаид, фæлæ уыдон Зинæйы раз аххосджын сты, бар ын ис уый зæгъынæн æмæ ныхъхъус.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0