Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады парадон къорд хайад райсдзæн æфсæддон парады Абхазы

© Sputnik / Томас Тхайцук /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады парадон къорд хайад райсдзæн æфсæддон парады Абхазы
Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады парадон къорд хайад райсдзæн æфсæддон парады Абхазы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады делегаци Марат Павловы сæргълæудæй хайад райсдзæн бæрæгбонон мадзæлтты, кæцытæ нывонд сты 1992-1993 азты Абхазы Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы 30-æм афæдзыбонæн. Уый тыххæй хъусын кæны РХИ Хъахъхъæнынады министрады пресс-сулжбæ.
Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы бон у Абхазы иууыл ахсджиагдæр бæрæгбонтæй сæ иу, æрвылаз æй нысан кæнынц 30 сентябры.
Парады хайад райсдзысты Хъахъхъæнынады министрады сæрмагонд нысаниуæджы батальоны тырыса æмæ парадон къордтæ, банысан кодтой уагдоны.
Делегацийы сконды ма сты министры хæдивджытæ æмæ æфсæддон фæткдаруаты органты офицертæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0