Хуссар Иры шахматисттæ рамбылдтой олимпиаг командæйы уæнг Хорхе Гонсалесы

© SputnikХуссар Иры шахматисттæ рамбылдтой олимпиаг командæйы уæнг Хорхе Гонсалесы
Хуссар Иры шахматисттæ рамбылдтой олимпиаг командæйы уæнг Хорхе Гонсалесы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны шахматисттæ рамбылдтой Кубайы олимпиаг командæйы уæнг Хорхе Гонсалесы. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны шахматты Федерацийы президент Саулохты Георгий.
"Сенсацион хатдзæгтæ нæм ис. Мах рамбылдтам æхсæнадæмон гроссмейстер Хорхе Гонсалесы. Йæ ныхмæ хъазыдысты фараст шахматисты, æмæ мах рамбылдтам 7:2 хыгъдæй", - банысан кодта Саулохты Георгий.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, хайад истой республикæйы æрыгæтты командæ æмæ дыууæ тренеры – Саулохты Георгий æмæ Къодоты Андрей. Æрыгæтты командæйы скондæй рамбылдтой Уанеты Валерия, Тыбылты Анна, Джыгкайты Артур, Чилæхсаты Вадим æмæ Коцты Юра.
Хъазт ацыд онлайн-форматы хуыцаубоны. Мадзал ауадзыны бæстыхай радта Россотрудничествойы минæварад Цхинвалы.
© SputnikХуссар Иры шахматисттæ рамбылдтой олимпиаг командæйы уæнг Хорхе Гонсалесы
Шахматисты из Южной Осетии победили члена олимпийской сборной Кубы Хорхе Гонсалеса - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.09.2023
Хуссар Иры шахматисттæ рамбылдтой олимпиаг командæйы уæнг Хорхе Гонсалесы
Ног хабӕртты лентӕ
0