Хуссар Иры æфсæддонтæ cæххæст кодтой "Паук"-ы бæрзæнды дзуары территорийы хæрзарæзтад

© Photo : Пресс-служба Минобороны РЮОХуссарирыстойнаг æфсæддонтæ æрнвывыл кодтой "Паук"-ы бæрзæнды дзуары территори
Хуссарирыстойнаг æфсæддонтæ æрнвывыл кодтой Паук-ы бæрзæнды дзуары территори - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады æфсæддонтæ фесты Цхинвалы районы уæлхох бынат "Паук"-ы Æгасгæнæг Дзуары территорийы хæрзарæзтадон куыстытæ, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
Министрады зæрдыл æрлæууын кодтой, Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы барамындмæ гæсгæ æфсæддонтæ æххæст кæнынц культурæйы цырттæ, рагон дзуæрттæ æмæ культурæйы æндæр объектты хæрзарæзтад.

"Фæнды мæ республикæйы президентæн бузныг зæгъын ахæм хорз хъуыдыйы тыххæй, цæмæй алкæцы уагдон дæр æркæса бæрæг культурон объекты сыгъдæгдзинадмæ", - загъта РХИ Хъахъхъæнныады министры æххуысгæнæг уырнон æфсæддонтимæ куысты фæдыл Тыджыты Алан.

Хъахъхъæнынадон уагдоны æфсæддонтæ æмæ офицертæ ссыгъдæг кодтой дзуармæ фæндаг, æввахс территоритыл æркарстой кæрдæг, скалдтой къутæртæ æмæ сцагътой хæдтулгæты хъыгдарæг бæлæсты цæнгтæ, раластой бырон.
Раздæр æфсæддонтæ сæххæст кодтой Присы хъæуы цур дзуарон комплексы хæрзарæзтад – VI æнусы къæдзæхыл кувæндон.
Ног хабӕртты лентӕ
0