Знауыры районы æрцыд ФТЦ, зианбаййафджытæ дзы нæй

© Пресс-служба МЧС РЮО Ирвæзынгæнджытæ
Ирвæзынгæнджытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы æрцыд фæндагон-транспортон цау (ФТЦ), хъусын кæны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
"Мерседес" хæдтулгæйы шофыр нæ сырæхст скъæрын æмæ машинæ сфæлдæхт.
"Знауыры районы Гобозты хъæуы æрцыд ФТЦ. Хуссар Ирыстоны УУМ тыхты фæткдаруаты Центрмæ аварийы фæдыл бадзырдтой 19.10 сахатыл хуыцаубоны. Цауы бынатмæ æвæстиатæй ацыдысты ирвæзынгæнджытæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, аварийы фæстиуæгæн зианбаййафджытæ нæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0