https://sputnik-ossetia.com/20230926/dzauy-bakodtoy-nog-skver-prezidenty-khayadisty-25858580.html
Дзауы бакодтой ног сквер президенты хайадистæй
Дзауы бакодтой ног сквер президенты хайадистæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 26 сен - Sputnik, Козаты Диана. Дзауы поселочы дыццæджы президенты хайадистæй бакодтой ног сквер. Райцентры цæрджытæ æмæ уазджыты улæфæн бынат ис... 26.09.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-09-26T13:22+0300
2023-09-26T13:22+0300
2023-09-26T13:22+0300
хуссар ирыстоны
дзауы район
ӕхсӕнад
президент
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/09/1a/25857617_5:0:823:460_1920x0_80_0_0_ddfea2ae2d98dc99162dac744186db34.jpg
ЦХИНВАЛ, 26 сен - Sputnik, Козаты Диана. Дзауы поселочы дыццæджы президенты хайадистæй бакодтой ног сквер. Райцентры цæрджытæ æмæ уазджыты улæфæн бынат ис районы администрацийы агъуысты цур.Бæрæгбонон мадзалы хайад райста президент Гаглойты Алан, парламенты спикер Æлборты Алан. Уазджытыл сæмбæлдысты ирон æгъдаумæ гæсгæ – æртæ уæливых, бæгæны æмæ зарджытимæ.Символикон сырх уадздзаг алыг кодтой районы сæргълæууæг Тыбылты Ванда æмæ президент Гаглойты Алан.Скверы баконды рæстæджы ауагътой чысыл концерт. Район суазæг кодта националон хæринæгты хæрзаддæртæй – дзыкка, нартхоры кæрдзын, физонæг, пецы дзул æмæ сæнæй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/09/1a/25857617_108:0:721:460_1920x0_80_0_0_afd9a85fac7e5fdffeca0f190e605a67.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, дзауы район, ӕхсӕнад, президент, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, дзауы район, ӕхсӕнад, президент, ног хабӕрттӕ
Дзауы бакодтой ног сквер президенты хайадистæй
ЦХИНВАЛ, 26 сен - Sputnik, Козаты Диана. Дзауы поселочы дыццæджы президенты хайадистæй бакодтой ног сквер. Райцентры цæрджытæ æмæ уазджыты улæфæн бынат ис районы администрацийы агъуысты цур.
Бæрæгбонон мадзалы хайад райста президент Гаглойты Алан, парламенты спикер Æлборты Алан. Уазджытыл сæмбæлдысты ирон æгъдаумæ гæсгæ – æртæ уæливых, бæгæны æмæ зарджытимæ.
"Тынг æхсызгон мын у алы бон дæр нæ бæстæ рæсугъдæй-рæсугъддæр кæй кæнæм. Никуыдæм фæнд кæнæм ацæуын ардыгæй, ам сты не ᾿ввахс адæм æмæ нæ фыдæлты уæлдмæрдтæ. Уый тыххæй мах хъæуы аразын алцыдæр, цæмæй нæ цард фæхуыздæр кæнæм, саразæм æй рæсугъддæр", - загъта Гаглойты Алан.
Символикон сырх уадздзаг алыг кодтой районы сæргълæууæг Тыбылты Ванда æмæ президент Гаглойты Алан.
Скверы баконды рæстæджы ауагътой чысыл концерт. Район суазæг кодта националон хæринæгты хæрзаддæртæй – дзыкка, нартхоры кæрдзын, физонæг, пецы дзул æмæ сæнæй.