Гафез - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2023
"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 29 сæр

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 29 сæр
Рафыссын
Дысон уыдис колхозы иумиаг æмбырд. Алан доклад скодта куысты дисциплинæ фæхуыздæр кæнын тыххæй. Дзырдта бирæ, хаста алыхуызон цæвиттонтæ. Докладмæ гæсгæ, фæстаг азты иуæй-иу колхозонтæ æхсæнадон куысты активон хайад нал исынц æмæ колхозы хъуыддæгтæ рæвдз нал цæуынц.
Ацы фарстыл дзырдтой Тома, Дудур æмæ Местор дæр. Сеппæты дæр зæрдиагæй фæндыд хъуыддаг рацаразын, колхозы экономикæ фæрæвдздæр кæнын.
—Æмбæлттæ, æз ахуыргæнæгæй кусын, — дзуры Тасолтан, — æмæ сымахæй, чизоны, исчи афтæ зæгъа, зæгъгæ, уый та цы хъуыддаг и колхозы куыстмæ? Фæлæ æз дæр ацы хъæуы схъомыл дæн. Ам исты хорздзинад куы вæййы, уæд дзы æз дæр мæхи буц кæнын, æмæ дзы исты æгад ном куы айхъуысы, уæд та дзы хайджын вæййын.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0