Хуссар Иры спортсменкæтæ ацæудзысты Цæгат Кавказы тыхджындæр теннисисткæты турнирмæ

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæУæлыстъол теннис
Уæлыстъол теннис - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 сен - Sputnik. Æртæ æвзонг спортсменкæйы Хуссар Ирыстонæй бахаудтой Цæгат Кавказы 16 тыхджындæр теннисисткæйы скондмæ, кæцытæ тох кæндзысты кæрæдзи æхсæн турниры, хъусын кæны РХИ фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты пресс-службæ уæлыстъол теннисы Федерацийы президент Джиоты Мириамы ныхæстыл æнцойгæнгæйæ.
Ерысты хайад исдзысты 13 азы кары онг спортсменкæтæ. Турнирмæ, кæцы цæудзæн 28 сентябрæй 5 октябры онг, ацæудзысты Къуылыхты Зæринæ, Майя Касрадзе æмæ Тедеты Алина.
Ерыстæм спортсменкæты цæттæ кодтой Джиоты Мириам, Остъаты Лидия æмæ Уалыты Ирина.
Ног хабӕртты лентӕ
0