https://sputnik-ossetia.com/20230926/uddr-uydzn-gobozty-vyacheslav-rkhi-m-abkhazy-khdbardzinad-banymayynyl-guyrdzyyy-rdygy-25871514.html
Уæддæр уыдзæн: Гобозты Вячеслав РХИ æмæ Абхазы хæдбардзинад банымайыныл Гуырдзыйы рдыгæй
Уæддæр уыдзæн: Гобозты Вячеслав РХИ æмæ Абхазы хæдбардзинад банымайыныл Гуырдзыйы рдыгæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 26 сен – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Гуырдзыстон уæддæр банымайдзæн Хуссар Ирыстон æмæ абхазы хæдбардзинад, уый уыдзæн иунæг раст къахдзæф ацы уавæрты... 26.09.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-09-26T16:34+0300
2023-09-26T16:34+0300
2023-09-26T17:34+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
политикӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/08/1a/11069199_46:628:2570:2048_1920x0_80_0_0_517eebe157da3a958974fd8d20cee945.jpg
ЦХИНВАЛ, 26 сен – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Гуырдзыстон уæддæр банымайдзæн Хуссар Ирыстон æмæ абхазы хæдбардзинад, уый уыдзæн иунæг раст къахдзæф ацы уавæрты, фехъусын кодта Sputnik брифингы рæстæджы РХИ президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Гобозты Вячеслав.Политолог Уазæгты Юрийы хъуыдымæ гæсгæ, æввахс дæс азы ацы фарст лыг не ‘рцæудзæн.Уыимæ иумæ, Уазæгты Юрий бафтыдта, ныры процесстæ æввахс кæнынц Гуырдзыстоны Цхинвал æмæ Сухумы суверенитет банымайынмæ, уый уыдзæн иууыл эффективондæр Гуырдзыстонæн.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/08/1a/11069199_216:634:2101:2048_1920x0_80_0_0_aa332be096e8c1f8961beaaca35deade.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, политикӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, политикӕ
Уæддæр уыдзæн: Гобозты Вячеслав РХИ æмæ Абхазы хæдбардзинад банымайыныл Гуырдзыйы рдыгæй
16:34 26.09.2023 (Ранӕуӕггонд: 17:34 26.09.2023) ЦХИНВАЛ, 26 сен – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Гуырдзыстон уæддæр банымайдзæн Хуссар Ирыстон æмæ абхазы хæдбардзинад, уый уыдзæн иунæг раст къахдзæф ацы уавæрты, фехъусын кодта Sputnik брифингы рæстæджы РХИ президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Гобозты Вячеслав.
"Гуырдзыстоны фæзындзæн политикон тыхтæ, кæцытæ бамбардзысты, иунæг варинат Гуырдзыйы райрæзтæн дæр кæй у Хуссар Ирыстон æмæ абхазы хæдбардзинад банымайын æмæ семæ бафыссын æхсæнпаддзахадон бадзырдтæ", - банысан кодта уый.
Политолог Уазæгты Юрийы хъуыдымæ гæсгæ, æввахс дæс азы ацы фарст лыг не ‘рцæудзæн.
"Мæ хъуыдымæ гæсгæ, æввахс дæс азы Гуырдзыстоны нæ фæзындзæн политикон тыхтæ, кæцытæ райсдзысты сæвзæргæ реалитæ. Ныры гуырдзиаг политикон элитæтæ арæзт сты ныгуылæйнаг бæстæтæм гæсгæ æмæ сæ бындур сты националистон традицитæ. Ацы фактортæн фадат нæ ратдзысты гуырдзиаг къухдариуæгадæн саразын ахæм революцион къахдзæф", - бахахх кодта Уазæгты Юрий.
Уыимæ иумæ, Уазæгты Юрий бафтыдта, ныры процесстæ æввахс кæнынц Гуырдзыстоны Цхинвал æмæ Сухумы суверенитет банымайынмæ, уый уыдзæн иууыл эффективондæр Гуырдзыстонæн.