Аграрон хӕдзарад "Южный сад" хæрзаудæн нысанæн радта 50 тонны фæткъуы

© Sputnik / Наталья АйриянАграрон хӕдзарад "Южный сад" хæрзаудæн нысанæн радта 50 тонны фæткъуы
Аграрон хӕдзарад Южный сад хæрзаудæн нысанæн радта 50 тонны фæткъуы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Аграрон хӕдзарад "Южный сад" хæрзауæн нысанæн рахицæн кодта 50 тонны фӕткъуыйы. Дыргътӕ уæрст æрцыдысты сабидæттæ, скъолатæ æмæ уагдæттыл, фехъусын кодта Sputnik хӕдзарады директор Бекъойты Леван.
Хæдзарад йæ сæвзæрдæй фæстæмæ æрвылаз дæр аразы ахæм акцитæ.

"Уæрст фестæм фæткъуытæ, куыд æрвылаз афтæ ныр дæр радтам ацы нысанæн 50 тонны гала сорт фæткъуытæ", - загъта Бекъойты Леван.

Уый ма бафиппайдта, ныридæгæн хæдзарад кæй кусы тыллæг æфснайыныл –дыргъдæтты фæткъуы тонынц 220 адæймагæй фылдæр, сæ нымæцы сезонон кусыджытæ дæр
.Уӕрӕсейаг инвесторы фӕрӕзтӕй фӕткъуыты хӕдзарад сарӕзтӕуыд 2019 уалдзӕджы Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Цъунары хъӕуы. "Южный сад" у Хуссар Ирыстоны территорийыл аграрон инвестпроекты ӕвӕрццӕг дӕнцӕг.
Ног хабӕртты лентӕ
0