Нарты кадджытæ. Ацæмæз æмæ Насран-æлдар

Нарты кадджытæ. Ацæмæз æмæ Насран-æлдар
Рафыссын
Насран-æлдар фыццаг æрцыдис хуын, æмæ йæм хуынæн цы æрцыди? Хуынæн æм æрцыди урс фыры æвзаргæ хъуынæй конд нымæт.
Уыйфæстæ та йыл уац сæмбæлдис, дæ усы дын Мысыры æлдар аскъæфта, зæгъгæ.
Насран-æлдар Нартыл фидиуæг ныхъхъæр кæнын кодта: "Алы хæдзар дæр æфсæддон куыд сцæттæ кæна, афтæ! Æфсæддон цы хæдзар нæ рарвита, уымæн аргæвддзыстæм йæ гал иварæн, йæ артыл ын дон ауадздзыстæм, йæ фæнычы къæрмæг ын дымгæмæ ныддардзыстæм".
Æмæ се ‘ппæт дæр срæвдз кодтой æфсæддонтæ Насран-æлдары æфсадæн.
Насран-æлдар кæсы æмæ йе ‘фсады æхсæн нæ уыны йæ мадырвадæлтæ – Ацæты мыггагæй æфсæддон.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0