Цхинвалы ацыд проект "Дзырд"-ы дыккаг сезоны баконд

© SputnikЦхинвалы ацыд проект "Дзырд"-ы дыккаг сезоны баконд
Цхинвалы ацыд проект Дзырд-ы дыккаг сезоны баконд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 сен – Sputnik. Цхинвалы Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры ацыд проект "Дзырд"-ы дыккаг сезоны баконд.
Концерты бакастысты Галуанты Людмилайы монологтӕ, номдзыд ирон поэттӕ ӕмӕ фысджыты ӕмдзӕвгӕтӕ, афтӕ ма азарыдысты ирон ӕвзагыл зарджытӕ. Театры сценӕйыл ралӕууыдысты артисттӕ Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстонӕй: Бекъойты Вано, Хаситы Сослан, Икъаты Ибрагим, Гуцаты Нодар.
© SputnikЦхинвалы ацыд проект "Дзырд"-ы дыккаг сезоны баконд
Открытие второго сезона проекта Дзырд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.09.2023
Цхинвалы ацыд проект "Дзырд"-ы дыккаг сезоны баконд
Телепроекты ног сезон бакӕныны фӕдыл мадзал бабӕрӕг кодта Хуссар ирыстоны президент Гаглойты Алан. Паддзахады сӕргълӕууӕг бузныг загъта проекты хайадисджытӕн ӕмӕ сын йӕ зӕрдӕ загъта дарддӕры ӕнтыстытӕ.
"Фӕнды мӕ бузныг зӕгъын автортӕ ӕмӕ организатортӕн, афтӕ ма алкӕмӕндӕр, чи балӕууыд фӕсивӕды фарсмӕ. Паддзахад дарддӕр ӕххуыс кӕндзӕн ахӕм проекттӕн. Мах хъуамӕ алцыдӕр саразӕм, цӕмӕй раразмӕ кӕӕнӕм не ‘взаг, культурӕ ӕмӕ традицитӕ", - банысан кодта президент.
Концерт фӕцис адӕмон кафт "Симд"-ӕй, кӕцы сӕххӕст кодта ансамбль "Ирон" Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисткӕ Хуыгаты Дианайы къухдариуӕгады бын.
Поэзи ӕмӕ прозӕйы проект-конкурс "Дзырд" сорганизаци кодта Паддзахадон телерадиокомпани 2Ир". Автортӕ сты Мамиты Гри ӕмӕ Бестауты Юлия.
© SputnikЦхинвалы ацыд проект "Дзырд"-ы дыккаг сезоны баконд
Открытие второго сезона проекта Дзырд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.09.2023
Цхинвалы ацыд проект "Дзырд"-ы дыккаг сезоны баконд
Ног хабӕртты лентӕ
0