Гафез - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2023
"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 30 сæр

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 30 сæр
Рафыссын
Ахæм æбуалгъ хабар Саргъауы фыццагхатт æрцыд. Канд фæсивæд нæ, фæлæ ма дис кодтой æгас хъæубæстæ дæр.
Хъазбеджы номмæ ма бафтыд "мæнгард" æмæ "фæлитой" дæр. Саргъауы лæууæн ын нал уыд æмæ горæтмæ аленк кодта. Кæд ма иуыстæмхатт искуы фæзыны Саргъауы, уый йеттæмæ дзы никуыуал вæййы. Æмæ уымæйдæр æрбауайы, изæргæрæтты, талынджы, æмæ фæстæмæ дæр, кæнæ сæумæцъæхæй афардæг вæййы, кæннод та æхсæвыгон, куыд ничи йæ фена, афтæ.
Иу изæр Тасолтан районæй æрбацæйцыд., Хъæуы бын, иухатт Томайы лæппуйы уæрдон каем ныцъцъæл кодта, уыцы ран, хиды бынæй фехъуыста хъæрзын. Фыццаг æй ницæмæ ’рдардта, фæлае йаем куы сыхъуыст: "Уæуу, мæлын!", уæд хорзау нал фæци.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0