Нарты кадджытæ. Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд

Нарты кадджытæ. Ацæмæз æмæ Агуындæ-рæсугъд
Рафыссын
Нарты Ацæйæн æртæ фырты уыдис. Ацæ куы амард, уæд æфсымæртæ уарыныл ныллæуыдысты. Уаргæ-уарын нæ фидыдтой æмæ-иу ныббыцæутæ сты.
Нарты хорз лæгтæ сын уыдысты уарæг æмæ сын ницы фæрæзтой сæ хъуыддаг алыг кæнынæн. Авд Ныхасмæ рахастой хъуыддаг, авд Ныхасы йыл фæтæрхон кодтой, уæддæр ницæуыл ахицæн сты. Нарты хистæр – зæронд чъиуцæст Мæгуырæг – фæстагмæ сæ уарæг уыдис æмæ стæрхон кодта: фос - хистæр фырттæн, æнусон сыгъзæрин уадындз та – кæстæрæн.
Хъуыддаг ууыл алыг ис. Хситæртæ тынг разыйæ баззадысты. Ацæмæз дæр райста уадындз.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0