Плиты Жаннæйы музыкæмæ балет "Фатимæ" æвæрд цæуы Мариинаг театры сценæйыл Дзæуджыхъæуы

© SputnikМариинаг театры Цæгат Ирыстоны филиал
Мариинаг театры Цæгат Ирыстоны филиал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Мариинаг театры Цæгат Ирыстоны филиалы цæттæ кæнынц национ балет "Фатимæ" номдзыд композитор Плиты Жаннæйы музыкæмæ гæсгæ. Уый тыххæй Sputnik-æн радзырдта Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры сфæлдыстадон разамонæг, балеты æвæрæг-режиссер Дзудцаты Тамерлан.
Дыууæархайдон спектакль фæнд кæнынц равдисын октябры дыккаг æмбисы.
"Уый уыд Гергиты Валерийы хъæппæрис. Уый бафæндыд снывонд кæнын балет Плиты Жаннæйы рухс номæн. Ныридæгæн цæуынц хореографион репетицитæ", - загьта уый.
Уый ма бафиппайдта, премьерæйы фæстæ балет фендзысты Ирыстоны æмæ Уæрæсейы стыр горæтты.
Мариинаг театры филиалы сæйраг нывгæнæг, балеты сценограф Найфонты Давиды эскизтæм гæсгæ актерты сценикон уæлæдарæс бахуыдтой Мариинаг театры сфæлдыстадон æрмадзты. Плиты Жаннæйы музыкæйы аивадуарзджыты зæрдæтæ дирижер Абайты Георгийы разамындæй барухс кæндзæн Мариинаг театры филиалы симфонион оркестр.
Ног хабӕртты лентӕ
0