Цæгат Иры СÆО хайадисджыты бинонтæн фадат уыдзæн æнæаргъæй цæуын театрмæ

© culture.ruТæбæхсауты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театр
Тæбæхсауты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 сен - Sputnik. Цæгат Ирыстоны сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) хайадисджытæн фадат уыдзæн æнæаргъæй цæуын спектакльтæм Ирон театрмæ, хъусын кæнынц театры фарсыл социалон хызæгты.
"СÆО хайадисджыты бинонтæн æххуысы нысанæн абоны бонæй Тæбæхсауты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театр бар дæтты æнæаргъæй цæуын æппæт спектакльтæм", - дзырдæуы тексты.
Театры равдысттæм цæуын уыдзæн гæнæн билеттæ развæлгъау сфидар кæныны фæстæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0