Нарты кадджытæ. Тотырадз æмæ Сослан

Нарты кадджытæ. Тотырадз æмæ Сослан
Рафыссын
Алæгаты Алымбегæн авд фырты æмæ иунæг чызг уыдис. Йе ‘хсæз фырты æмæ йæхæдæг дæр Сосланы къухæй мард фесты; баззадис ма йын æрмæст чызг æмæ авдæнон лæппу. Лæппуйыл ном сæвæрдта Сырдон – Алымбеджы фырт Тотырадз, зæгъгæ, Лæппуйæ та ахæм уыд, æмæ разæй æндонæй уыд, бон уидысн рæзти, æхсæв та уылынг.
Сфæнд кодта Сослан Алымбеджы мыггаг бынтондæр сыскъуынын. Иубон бадзырдта фидиуæгмæ æмæ йын загъта:
Ацу æмæ Нарты адæмæн фехъусын кæ: "Абон – майрæмбон, иннæ майрæмбоны Хъазæн фæзы хъаздзыстæм, æмæ нæлгоймаг кæй хæдзарæй нæ рацæуа уырдæм, уый уыдзæн чызг-уацайрагæй иваргонд!".
Фидиуæг дæр ацыдис æмæ Æртæ Нартыл ныхъхъæр кодта:
- Абон – майрæмбон, иннæ майрæмбоны Хъазæн фæзы фæсивæд хъаздзысты, æмæ нæлгоймаг кæй хæдзарæй нæ рацæуа уырдæм, уый уыдзæн чызг-уацайрагæй иваргонд!
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0