Уæрæсейаг артиллери ныццавта "ныхмæлæууæг"-ы пункттæ Хуссар Ирыстоны хæхты

© Photo : Пресс-служба ЮВОУæрæсейаг артиллери ныццавта "ныхмæлæууæг"-ы пункттæ Хуссар Ирыстоны хæхты
Уæрæсейаг артиллери ныццавта ныхмæлæууæг-ы пункттæ Хуссар Ирыстоны хæхты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.09.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 сен - Sputnik. Уæрæсейаг æфсæддон базæйы артиллеристтæ скуынæг кодтой бадзырдон ныхмæлæууæджы командон пункттæ хæххон полигон Дзарцемы Хуссар Ирыстоны, хъусын кæны Уæрæсейы Хуссайраг æфсæддон зылды пресс-службæ.
Ногæй рабæрæггонд нысæнтты координаттæ реалон рæстæджы режимы æрвыст цыдысты артиллерийы фæткдаруаты пунктмæ бæрæгдзауон, фæткдарын æмæ бастдзинады комплекстæ "Стрелец"-æй.
Куыд банысан кодтой зылды афтæмæй, артиллеристтæ скуынæг кодтой бронетехникæ æмæ бадзырдтон ныхмæлæууæджы æгас тых æхсæз километры дæрддзæфæй, алы æхсты фæстæ артиллерион хыгъдтæ æххæст кодтой æхсты ныхмæ маневртæ, æндæр позицитæм хизгæйæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0