Нарты кадджытæ. Айсана. Сатанайы лæппу

Нарты кадджытæ. Айсана. Сатанайы лæппу
Рафыссын
Нарты Уырызмæгæн лæппу райгуырди, æмæ уæларвон Сафамæ арвы цæлхъау фехъуысти. Лæппуйæн куывд чи скодтаид, йæ хъаны бар уый уыди. Сафа урс галы æфцæгыл зæлдаг бæндæнбафтыдта æмæ йæ æркодта Нарты хъæумæ. Ныхъхъæр кодта Уырызмæджы дуарæй: "Чи райгуырд, уый цæринаг, йæ хъаны бар та мæн куыд уа!". Йæхæдæг гал аргæвста æмæ куывд скодта Нартæн. Лæппуйыл ном сæвæрдтой Айсана, зæгъгæ; стæй йæ Сафа ахуыдта йемæ уæларвмæ.
Айсана куы рахъомыл ис, уæд æм цыдысты уынынмæ Сафайы хæлæрттæ: Уастырджи æмæ Æфсати иумæ æрцыдысты, Тутыр æмæ Уацилла иумæ, Ногбон æмæ Елиа та иумæ.
Хъан сæ размæ рацыди æмæ сын хистæрæй-кæстæрæй сæ бæхтæ райста. Бæхты сæргътæ систа, сæ ехсытæ æмæ сын сæ нымæттæ бахаста æмæ сæ бафснайдта.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0